Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг,
Кæуæгау фæкæса, мыййаг, —
Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг,
Уый зарæд йæхи фæндиаг!..
Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,
Куы бафидин искуы мæ хæс,
Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,
Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс…
Мæ удылхæцæг
Æнæ æнцой уа,
Мæ мады зæнæг
Мæ мардыл кæуа!
Куыд зæхмæдзыд дæн,
Куыд фыдуаг хæссын, —
Мæ фыдæн фыртæн
Цæуылнæ бæззын?
Хъæубæстæй – хъоды,
Æмгартимæ – сырд,
Ныхасы – гоби, —
Нæ мæ хауы дзырд.
Мæ зонд, мæ фæндыл
Нæ лæууы кæстæр,
Кæстæр мæ фæдыл
Нæ цæуы хæстмæ.
Бæсты сæрвæлтау
Нæ кæлы мæ туг;
Хæссын, къæлæтау,
Цагъайраджы дуг!..
Тызмæгæй мæм ма кæс,
Мæ фыды зæронд,
Дæ зæрдæмæ ма хæсс
Мæ зæрдæйы конд!
Йæ фыды фæндиаг
Кæм вæййы фырт дæр? —
Лæппуйæ рæдиаг
Нæ вæййы æвзæр!
Дæ номыл, дæ кадыл
Нæ барын мæхи, —
Ныууадз мæ мæ адыл, —
Фæндон хорз кæм и?!.
Æз топпæй нæ хъазын,
Æз барæг нæ дæн;
Æхсаргард æсласын
Мæ бон нæу мæнæн…
Фæхудæнт мыл хъалтæ,
Ды се 'мбал нæ дæ!
Мæ гутон, мæ галтæ —
Мæнæн дæр цæттæ!
Мæ гутон, мæ галтæ —
Мæ фæндыр, мæ зонд;
Мæ кадæг, мæ зарæг —
Мæ цард хоры конд.
Нæ дзыллæйы зæрдæ —
Мæ хуымгæнды хай;
Нæ бæсты сагъæстæ —
Мæ фæззыгон най…
Дзаг хорæй мæ хордон,
Бæркадджын мæ зæхх,
Хæдтулгæ мæ уæрдон,
Мæ фæндаг уæрæх…
Мæгуырæй мын ма тæрс,
Мæ фыды зæронд, —
Дæ зæрдæмæ ма хæсс
Мæ зæрдæйы конд!..
Бирæ фæлмæн тынтæ зæрдæ нывæнды, —
Бар ма йын радт!..
Бирæ цыдæртæ мæгуыры фæфæнды
Иуæй-иу хатт.
– Гъæй, джиди, – афтæ фæзæгъы йæхицæн, —
Искуы æздæр
Адæмы фарнæй куы скæнин мæхицæн
Кад æмæ сæр!
Тарфдæр мæ зæрдæ йæхимæ куы хæссид
Искæй зынад,
Дунейы хæрзтæй хуыздæр мæм куы кæсид
Уарзондзинад!..
Æз дæ зарынмæ куы хъусын,
Уæд хъæлдзæгдæрæй фæкусын,
О, мæ хуры хай, —
Азар-ма, чызгай!..
Мах бар нал æсты нæ сæртæ…
Азар, цалынмæ дæ зæрдæ
Не ссау фырмæстæй,
Адæмы мæтæй!..
Адæмæн зæхх у сæ дарæг…
Азар!.. Ракæ мыл-иу хъарæг, —
«О, мæ бон, – иу зæгъ, —
Байстой нын нæ зæхх!..»
Нал дæ бахъæудзæн ныр рувын..
Азар!.. Сахуыр мæ кæ кувын!..
Ма фæлидз тæргай,
О, мæхурыхай!..
Фесæф, фесæф, цард,
Сау лæппуимæ,
Тагъд дæлдзæх фæу
Ме 'намондимæ! —
Калмау мын мæ риу
Судзгæ баууыддта
Маст – зæрдæхалæн,
Йæ тых басæтта!
Афæлывта мæ
Сауæрфыг рæсугъд…
О, мæ худинаг,
О, мæгуыр мæ уд!..
Дзырд Хуыцауы раз
Радта иннæмæн, —
Къухæй нал ласы
Ныр йæ къухдарæн…
Гъей, чызгай, цæмæн
Афæлывтай мæн?!.
Цæй, дæ Хуыцау дын
Уæд тæрхонгæнæг!..
Даргъ хæххон зымæг,
Уалдзыгон бонау,
Ныр æрымысын.
Æз, фынфенæгау…
Кæд кæрæдзийы
Фаг нæ рæвдыдтам?
Кæд кæрæдзийæн
Фаг нæ фæдзырдтам
Уарзон ныхæстæ,
Цард æнхъæлæджы?!..
Гъей, цы хъал уыддæн
Уыцы рæстæджы!..
Ныр дæу чи хæссы,
Уый йæ лæджыхъæд
Мемæ бавзарæд,
Кæд хуыздæр у, уæд!
Йе – йæ топпæй хъазт,
Йе – йæ бæхыл бадт,
Йе – йæ кæсгон кафт,
Йе – йæ цæгъдгæ зард!.
Дæу сырх дарийæ
Хорз æсфæлыста!
Дæу сызгъæрин рон
Нарæг балвæста!..
Риуы 'гънæджытæ
Хъазынц стъалытау…
Уæд дæ хæрдгæхыуд,
Уæд дæ алы 'гъдау!…
Фесæф, фесæф, цард,
Сау лæппуимæ,
Тагъд дæлдзæх фæу
Ме 'намондимæ!
Калмау мын мæ риу
Судзгæ баууылдта
Маст – зæрдæхалæн, —
Йæ тых басæтга!
Зонын, æфсæрмæй кæудзыстут,
Бавæрдзыстут мын мæмард,
«Рухсаг у, рухсаг, – зæгъдзыстут,
Ницæмæн уал уыд дæ цард!»
Зонын, æргæвддзыстут исты, —
Мардыл ма чи дары ком? —
Алчи æфсæстæй мæ хисты
Ссардзæн арахъхъæй мæ ном.
Иу бон æгъгъæд у мысынæн,
Иу бон кæндзыстут мæ дзырд,
Уый фæстæ ферох уыдзынæн, —
Ничи уал зондзæн мæ цырт.
Тæхудиаг, буц хъæбулæй
Йæ уалдзæджы царды хурæй
Чи бафсæст йæ мады хъæбысы!
Тæхуды, æрæгвæззæджы,
Хъæлдзæгæй æнкъард рæстæджы
Йæ рагуалдзæг хорзæн чи мысы!
Тæхуды, йæ фыды зæххыл,
Йæ уарзон æмгарты рæгъыл
Кæмæн хъуысы дардмæ йæ зарæг!
Тæхуды, йæ гутонимæ,
Хæрзифтонг бæхуæрдонимæ
Йæ бинонтæн чи у сæ дарæг!
Тæхуды, йæ дзыллæйы раз
Чи ракæны барджын ныхас,
Кæй фæрсынц, кæй равзарынц зондæй!
Тæхуды, йæ уарзондзинад,
Йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад,
Чи уадзы уæлæуыл зæрондæй!..
Ифтонг хызынæй, лæдзæгæй, æрчъитæй,
Скодтон уæрдæхæй дзыхъыннæуæг рон,
Ис ма цыдæртæ мæ кæрцы фæдджитæй…
Дард у мæ фæндаг… Зæгъын дын: хæрзбон!..
Рагæй мын «ацу» дæ цæстæнгас дзуры,
Рагæй дæ кодтон мæ уындæй тæрсын;
Зонын, дæ зæрдæ куыд ризы мæ цуры,
Хъусын ныр дæр ма йæ сусæг хъæрзын…
Гъеныр хæрзбон, мæ хур!.. Нал мæ уындзынæ,
Дардмæ дæ хæддзуйы мацæуыл дом!
Райсом мæ цæстæнгас ферох кæндзынæ,
Ферох кæндзынæ иннæбон мæ ном…
Чи зоны, искуы æрыфта дæ зæрдыл
Иунæджы сагъæс, мæгуыры бæллын, —
Чи зоны, искуы куы уайа дæ цæстыл —
Уазал æхсæвы фæндагыл мæлын, —
Ма иу фæтæрс, чызгай! Ахæм фыдфынтæ
Дардæй дын амонд хæсдзысты уæддæр, —
Исчи та исы йæхимæ дæ рынтæ,
Исчи дын хъары нывондæн йæ сæр…
Хонын æмбалæн нæ фыдбылыз мемæ, —
Тагъддæр мæ балцæн йæ фæстаг кæрон
Уый «фæндарастæй» кæд ссарин æз йемæ..
Ма фæфæсмон кæ!.. Хæрзбон у, хæрзбон!..
Бесплатно
Установите приложение, чтобы читать эту книгу бесплатно
На этой странице вы можете прочитать онлайн книгу «Ирон фæндыр», автора Косты Хетагурова. Данная книга имеет возрастное ограничение 12+, относится к жанрам: «Cтихи и поэзия», «Литература 19 века».. Книга «Ирон фæндыр» была издана в 2016 году. Приятного чтения!
О проекте
О подписке
Другие проекты